Бехъаны цады æртыккаг хатт сараздзысты экологон акци
Бахъахъхъæнæм Бехъан, зæгъгæ, экологон акци сараздзысты æртыккаг хатт. Мадзал ацæудзæн «Барс», зæгъгæ экологон центры бархионтæ æмæ ирвæзынгæнджытæ-бархионты руаджы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм фыццаг ахæм акци сарæзтой Цæгат Ирыстоны æрдзон æвæртæ æмæ эколологийы министрады хъæппæрисæй. Дыккаджы та бафыдæбон кодтой бархионтæ. Ацы хатт цад быронæй ссыгъдæг кæндзысты «Вода России», зæгъгæ æппæтуæрæсейон акцийы фæлгæты. Мадзалы архайын кæй фæнды уыдонмæ æнхъæлмæ кæсдзысты 17-æм июлы райсомы 10 сахатыл Бехъаны цады. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бехъаны цады æртыккаг хатт сараздзысты экологон акци
Категория:
Новости и СМИ