Дзæуджыхъæуы бындурон цалцæджы фæстæ срæвдз сты трамвайы фæндæгтæ
Дзæуджыхъæуы бындурон цалцæджы фæстæ срæвдз сты трамвайы фæндæгтæ. Абон сын сæрмагондæй сбæрæг кодтой сæ цæттæдзинад. Линитæ райдианæй кæронмæ баивтой Сабырдзинады проспекты. Ацы маршрутыл трамвайтæ дыууæ афæдзæй фылдæр нæ цыдысты. Райсом горæты уынгтæм рахиздзысты фæткмæ гæсгæ. Лæггад кæндзысты инæлар Плиты Иссæйы уынгæй Штыбæйы фæзæй Къостайы проспектмæ æмæ Кировы уынджы Сабырдзинады проспектæй æфсæнвæндаг вокзалмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv