Хуссар Ирыстоны коронавирусы ныхмæ снысан кодтой карздæр фæтк

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Хуссар Ирыстоны коронавирус сбæрæг кæнынмæ сæрмагонд иртæстытæ скодтой дæс адæймагæн. Низ дзы никæмæ разынд. Уый тыххæй хъусын кæны Хуссар Ирыстоны фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы разамонæджы хæдивæг, Гаглойты Аннæ. Иртæстытæ аразынц Хуссар Ирыстоны профилон управленийы специалисттæ. Уыдон сæрмагонд ахуыртæ ацыдысты Стъараполы рыны ныхмæ иртасæнты институты. Æдæппæтæй республикæмæ æрбаластой 5 тест-системæйы. Сæ руаджы фадат ис 100 адæймагæн иртæстытæ саразын. Уыимæ ма, республикæйы цыппæрæмæй снысан кодтой сæрмагонд фæтк. Бæлвырддæр дзургæйæ, бирæгæйттæй адæм кæм æмбырд кæнынц, æхæм спортивон æмæ культурон мадзæлттæ нал араздзысты. Республикæйы президент Бибылты Анатолий хицауадæн бабар кодта, цæмæй сæ хъус дарой, карздæр фæтк куыд æххæстгонд цæуы, уымæ. Уый тыххæй фехъусын кодта коронавирусы ныхмæ тох кæнын сæрмагонд æмбырды. Раздæр Хуссар Ирыстонмæ низ ма ’руадзыны тыххæй республикæ йæ арæнтæ сæхгæдта фæсарæйнаг адæмæн, Уæрæсейæгтæй фæстæмæ. Уыимæ ма, арæнтæ сæхгæдтой Гуырдзыстоны `рдыгæй дæр. Республикæйы ахуыргæнæндæттæ æхгæд æрцыдысты карантины. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хуссар Ирыстоны коронавирусы ныхмæ снысан кодтой карздæр фæтк

Категория:

Новости и СМИ