Хæдтулгæтæ уарзаг къæрныхтæ
Пъæлицæйæгтæн бантыст закъонхалджыты къорды уæнгты `рцахсын. Уыдон давтой машинæтæ Цæгат Ирыстоны æмæ Кæсæг-Балхъары. Слестгæнæн оргæнты куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы куыст кæнын дыууæ нæлгоймаджы райдыдтой фарон октябры. Дарддæр сæ хъысмæт хæдтулгæтæн цавæр уыд, уый, æвæццæгæн, алчидæр æмбары. Базарты хай-иу бацис. Йæ хицау та – афтид армæй. Давджытæ тынг зонджжын разындысты. Кæй зæгъын æй хъæуы,машинæтæ æнæхъæнæй сæ бон ауæй кæнын кæй нæ бауыдзæн, уый æмбæрстой. Уымæ гæсгæ иу хæдтулгæтæ батардтой адаргæ машинæтæ цы сæрмагонд пункттæ исынц уырдæм. Æмæ сæ иу уым хайгай ныккодтой. 29 январы Бесланы æрцахстой комкоммæ ацы хъуыддагмæ бар чи дардта ахæм 29-аздзыд нæлгоймаджы. Уыимæ ма слестгæнæн оргæнты кусджытæ сæ къухтæ бафистæг кодтой æмæ ноджы сæххæст кодтой бæстонæй кæй бацæттæ кодтой, ахæм операци. Цæгат Кавказы. Уыимæ ма Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады кусджыты æмгуыстады фæрцы сыхаг республикæйы аджигул кодтой, æмæ раиртæстой, азымджын сæ чи кæны, ахæм хъуыддæгтæ. Уымæй уæлдай ма рабарæг ис, уыцы дæс давдыл кæй нæ ныллæууысты, уый. Дыууæ фыдгæнæджы дæр сæ аххосыл басастысты. Дзуапп ратдзысты Цæгат Ирыстоны 8 фыдракæндæн æмæ Кæсæг-Балхъары та 2-йæн. Ныртæккæ куыд бæрæг у, афтæмæй закъонхæлдты фæдыл арæзт æрцыд уголовон хъуыддаг, ахæстоны фæбаддзысты 10 азы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хæдтулгæтæ уарзаг къæрныхтæ
Категория:
Новости и СМИ