Æхсызгон хабар
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты иугонд командæ «Город 313» бахауд телеуынынады лигæйы финалы 1/4 хаймæ. Конкурс цыд Казаны. Архайдтой дзы 20 командæйы. Фæсивæд сæ тыхтæ барстой 3 къæпхъæнмæ гæсгæ: ирддæр бæрæггæнæн, разминкæ æмæ музыкалон номыр. Æртæ конкурсы хатдзæгтæм гæсгæ командæ «Город 313» сæмбырд кодта 12,2 баллы æмæ ахызт иннæ къæпхæнмæ. Финалы 1/4 хай ацæудзæн майы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ахæм ерыстæм бахауыны фадат сын разынд Сочийы æппæтадæмон фестивалы хъазты фæсты. 500 иугонд командæйæ æрмæст 80-йæн лæвæрд æрцыд дарддæр хъазты бар _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æхсызгон хабар
Категория:
Новости и СМИ