58 æм æфсады, 3 мин æфсæддонæй фылдæр ацыдысты сæрмагонд ахуыртæ
Хуссар æфсæддон зылды, 58-æм æфсады, 3 мин æфсæддонæй фылдæр ацыдысты сæрмагонд ахуыртæ. Фæлварæнтæн сæ зындæртæй иу у цæлхдурты фæндаг. Ацæуæн æй се `ппæтæн сæ къухы нæ бафты. Æфсæддон хъуамæ мæнг ныхмæлæууæджы басæтта. Уæдæ психологон æгъдауæй дæр уа цæттæ. Фæндаджы дæргъ у 500 метры. Цыргъ телты бын абырын, автомат райхалын æмæ сæмбырд кæнын, цæфтæ чи райста уый æдас ранмæ ракæнын. 58-æм æфсады командыгæнæджы хæдивæджы ныхæстæм гæсгæ архайын хъæуы æрмæстдæр æмдыхæй. Æфсæддон ахуыртæ ацыдысты Тарскæйы. Командыгæнджытæ сбæлвырд кодтой æфсæддонты арæхстдзинад æмæ эмоционалон æгъдауæй цæттæдзинад. Ахуырты рæстæг ма службæгæнджыты размæ сæвæрдтой хæслæвæрд æфсæддонтæн психологон æххуыс райсыны быдырон центр саразын. Уым æфсæддонтæн уыдис психологон пункт, моралон, информацион, култьтурон æххуыс æмæ реабилитаци райсын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
58 æм æфсады, 3 мин æфсæддонæй фылдæр ацыдысты сæрмагонд ахуыртæ
Категория:
Новости и СМИ