Цæгат Ирыстоны снысан кодтой бæрзонд цæттæдзинады фæтк

2 тыс. подписчиков

12+
12+

19 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

Цæгат Ирыстоны снысан кодтой бæрзонд цæттæдзинады фæтк

2 тыс. подписчиков

12+
12+

19 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

19 просмотров

3 года назад

Хид цы бынаты æркалд, уырдæм цæуыны бар нæй. Дыууæрдыгæй дæр рад хæссынц пъæлицæйы кусджытæ. Адæмӕн фæдзæхсынц, цæмæй бынатмæ хæстæг ма цæуой, уым нырма æдас нæу. Сæумæрайсом республикæйы хицауады уыд сæрмагонд æмбырд. Сергей Меняйло байхъуыста дзуапдæттæг ведомствоты разамонджыты докладтæм. Цæугæдон хиды астæуккаг цæджындз кæй ахордта, уый аххосæй йæ дыууæ хайы æркалдысты. Канализацийы коллектортæй дæр иу хъыгдæрд баййæфта. Ныртæккæ кусы, ногдæр сæ кæцы у, уый. Цы уæзæвæрд ыл ис, ууыл тых кæны. Тагъд рæстæджы зӕронд айсдзысты. Фыдбылызы знаггад æрхаста газы хæтæлæн дæр. Рацараздзысты сæ хъармгæнæн рæстæджы райдианмӕ. Сергей Меняйло бабар кодта басгæрст саразын æмæ бæллæхы аххосæгтæ бæстонæй равзарын. Фыццаджыдæр, хъæуы, хидæй ма цы хай баззад, уый райхалын, уымӕй дӕр – цыбыр æмгъуыдмæ. Бынатмæ сæмбæлдысты Транспорт æмæ фæндаггон хæдзарады комитеты минæвæрттæ дæр. Сæвзæрд уавæр æмæ куыстыты гуырахстæн аргъ скодтой. Ныр хъæуы ног хид саразынæн проектон-хыгъдон гæххæттытæ бацæттæ кæнын æмæ куыстытæ æххæстгæнæг бæрнон организаци ссарын. Æмбырды хатдзæгтæм гæсгæ нысангонд æрцыд бæлвырд хæстæ — дзуапдæттæг ведомствотæ хъуамæ бацæттæ кæной, фыдбылыз цы зиан æрхаста, стæй уавæр снывыл кæнынæн цас фæрæзтæ бахъæудзæн, уый тыххæй информаци. Бацæттæ кæнын æмбæлгæ курдиæттæ. Фæстиуджытæ аиуварс кæныны æппæт здæхтыты та кусын æвæстиатæй. Бæрзонд цæттæдзинады фæтк  республикæйы ахæсдзæн сæрмагонд бардзырды онг.  Хиды алыварс фæзуат уыдзæн æхгæд информацион нысæнттæй. Фæндаггæттæн сæ бон ацæуын у Алханчурты уылты.

, чтобы оставлять комментарии