Хъæууон-хæдзарады министрады программæ «Агростартап»-ы фæрцы æххуыс кæнынц фермертæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Фермерон хæдзарæдты райрæзтæн сæрмагонд грант. Регионалон программæ «Агростартап»-ы фæлгæты Цæгат Ирыстоны хъæууон-хæдзарады фыццаг хатт чи райдыдта фæллой кæнын, уыдонæн аразынц ног фадæттæ. Программæ фæзынд 2019 азы. Йæ фæрцы ныртæккæ бирæ фермертæн сæ бон у паддзахады æххуысы фæрцы хъæууон-хæдзарады ног æмвæзадмæ схизын. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн нæ уацхæссæг Къутæрты Аидæ. Хъæууон-хæдзарады къабазы кусын æнцон нæу, бирæ тыхтæ йын хъæуы, зæгъы Косты Алан. Уый фæллой кæнын райдыдта йæ сывæллоны бонтæй. Æмæ дзæгъæлы нæ. Дæнцæг кæмæй райстаид, уый йын уыд. Йæ фыд дæр рагæй кусы хъæууон-хæдзарады къабазы. Ныртæккæ фыд æмæ фырт кусынц иумæ. Ис сæм хи хъæрмуат. Гыццыл фæрæзтæ йын нæ хъæуы. Ныртæккæ цы хъармуатмæ зилынц, уым ис æппæт уавæртæ дæр, цæмæй куыст размæ цæуа, уый тыххæй. Косты Алан æрæджы бацархайдта программæ «Агростартап»-ы. Ацы программæ æххуыс у хъæууон-хæдзарады фыццаг хатт чи райдыдта фæллой кæнын, уыдонæн. Стæй ма уымæй уæлдай амалхъом адæмæн дæр. Æдæппæтæй ацы программæйы фæлгæты паддзахады уæнгтæ гранттæн рахай кодтой 182 милуан сомы. Уыцы программæйы фæлгæты Косты Аланæн радтой 900 мин сомы бæрц æхца. Уыцы фæрæзты фæрцы райста æппæт хъæугæ ифтонггæрзтæ, цæмæй ма ноджыдæр иу хъуармуат самал кæна, уый тыххæй. «Агростартап»-ы райрæзтæн рахай кодтой 183 милуан сомы бæрц. Грантисчытæ сты 65 фермерон хæдзарæдты кусджытæ, 33 дзы хауынц хъæууон-хæдзарадон 8 коперативмæ. 23 проекты дзы сты фосдарынады къабазы, 4 та - дзадзайы куысты къабазы, 16 - лыстæгфосдарынады. Мыдыбындзыты куыст кæндзысты дыууæ фермерон хæдзарады, зокъоты райрæзтæн та хъуамæ саразой 9 хъармуаты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хъæууон-хæдзарады министрады программæ «Агростартап»-ы фæрцы æххуыс кæнынц фермертæн

Категория:

Новости и СМИ