Цæгат Ирыстоны йæ куыст райдыдта иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ бацæттæгæнæн онлайн-скъола
Ахуырадон аз йæ тæмæны бацыд, цæсты фæныкъуылдмæ фæлварæнты рæстæг æрхæцц уыдзæн. Уымæ гæсгæ сæм цӕттӕ кæнын райдайын хъæуы рагацау. Уæлдайдæр та 10-11 кълæсты ахуырдзаутæн ныр фæзынд ног гæнæн фæлварæны агъоммæ ног зонындзинæдтæ райсынæн æвзæрст предметтæй. Лæвар. Нæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй Цæгат Ирыстоны скъолаты фæзындысты онлайн-ахуыртæ Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ бацæттæ кæнынмæ. Ахуыртæ аразынц нæ республикæйы хуыздæр ахуыргæнджытæ. Архонкæйы дыккæгæм скъолайы Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цæттæгæнæн ахуырты райдайæны размӕ æнæмæнг скусын кæнынц ноутбуктæ. Электрон ахуырты фӕтк сæм сæ ахуыргӕнӕг куы арвиты, уæд сæрмагонд ссылкæты æххуысæй ног лæвар онлайн-скъолайы лекцитæм байхъусынц. Ныр нæ республикæйы хистæр кълæсты скъоладзаутæ репетиторты боны фӕткмӕ баст нал сты. Иумæйаг паддзахадон фæлварæны вебинарты лекцитæ алы предметæй дæр цалдæр боны фæстæ фæзынынц интернеты тыгъдады. Æмбæлгæ зонындзинæлдтæ сын хай кæнынц Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты хуыздæр ахуыргæнджытæ æмæ «Ассоциация молодых педагогов»-ы минæвæрттæ. Æрмæджытæ равзарынц æрвылбон дæр къуырисæрæй майрæмбонмӕ фӕссихор. Гуманитарон предметтæ техникон ахуыртимæ нæ хæццæ кæнынц. Онлайн-формат методистты æмæ ахурдзауты ахастдзинадтыл æвзæрырдæм нæ фæзыны. Уæлæмхасæн платформæ фæлварæнты агъоммæ саразын бахæс кодта нæ республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Эпидимиологон уавæр хъуамæ ахуырадон процесс ма фæкъуылымпы кæна. Проект куыд æххæстгонд цæудзæн, уымæ йæ хъус дары ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. Онлайн-форматы фæлварæнмæ цæттæгæнæн ахуыртæ ахæсдзысты 20-ӕм майы онг. Лæвар онлайн-скъолайы фæрцы Иумæйаг паддзахадон фæлварæны рæстæг баллты бæрцмæ бафтдзæн, уый та алы абитуриенты дæр фæхæстæг кæндзæн уæлдæр ахуыргæнæндоны бюджетон бынатмæ. Ахуыргæнджыты хъуыдымæ гæсгæ, иуыл хуыздæр бæрæггæнæн райсæн ис, къуыри дыууæ хатты сахатгай алы скъоладзау дæр йæхиуыл куы куса, уæд. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv