Фидæны куырдадз

2 тыс. подписчиков

12+
12+

16 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

16 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

16 просмотров

8 лет назад

Уæллæй, фæзминаг кæддæриддæр цæсты ахады. Нæ дарддæры `рмæджы хъайтартæ дæр уыдонæй сты. Дыгуры районы сывæллæтты мидварны райрæзтмæ здахынц уæлдай æргом. Се сфæлдыстадон хæдзары ис бирæ алыхуызон къордтæ. Архайынц сабиты курдиæттæ æххæстæй раргом кæныныл. Хæрзæрæджы та ма сын фæзынд ног бæстыхай дæр. Уыимæ сæ гæнæнтæ дæр фæуæрæхдæр сты. Нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæ сæм æрæджы ныууад æмæ йæхи цæстæй федта – рæсугъд æнкъарæнтыл хæст сабитæй а-дуне дæр рæсугъддæр кæны. Чызджытæ ам сæхи къухтæй хуыйынц куадзæны тæрхъустæ. Ацы сфæлдыстадон къордмæ се ппæт дæр цæуынц зæрдæрайгæйæ. Бирæтæ дзы фыццаг аз не сты ам. Сæ ахуыргæнæджы æххуысæй базыдтой алыхуызон дзаумæттæ аразын. Алы аз дæр æрхъуыды кæнынц ног эскизтæ.  Се 'хсæн равзарынц хуыздæрты æмæ дзы саразынц коллекцитæ. Æвдисгæ дæр сæ сæхиуыл ракæнынц конкурсты архайгæйæ. Ныридæгæн сæ къухы бирæ æнтыстытæ бафтыд. Алыхуызон сфæлдыстадон равдыстыты бирæ хæттыты уæлахиздзаутæ систы канд нæ республикæйы нæ, фæлæ ма Мæскуыйы æмæ æндæр горæтты дæр. Суанг ма Вячеслав Зайцевы подиумыл дæр сæ къахвæд фæуагътой. Уымæй уæлдай сфæлдыстадон хæдзары ис театр «Этюд» дæр. Сабиты ахуыр кæнынц аив дзурыныл. Сценæйыл хи раст дарыныл. Арæх сæ концерттæй адæмы зæрдæтæ бахъæлдзæг кæнынц. Уæдæ ма сабиты суанг немыцаг æвзагыл дæр ахуыр кæнынц. Уæлдай æргом аздахынц дзургæ ныхасмæ. Ахуыргæнджытæ æппынæдзух архайынц сывæллæтты курдиаттæ раргом кæныныл. Ныр сын уымæн фæзынд хъæугæ уавæртæ дæр. Сывæллæттæ канд Дигора нæ, фæлæ æппæт районæй дæр цæуынц ардæм. Кæд фыццаг азты сæ хъомылгæнинæгты нымæц бирæ нæ уыд, уæд абон та сты 700-йæ фылдæр. Ацы сфæлдыстады хæдзары ахуыргæнджытæ хæст сты иу хъуыдыйыл: алы сабимæ дæр ис йæхи курдиат. Йæ раргом кæнын та нымайынц сæ сæйрагдæр хæсыл. Хæдзарæн йæ куыст афтæ арæзт у, æмæ сын районы алы хъæуы дæр ис сфæлдыстадон, кæнæ зонадон къордтæ. Урсдоны скъолайы – сабиты зарæггæнджыты къорд, Хъарманы скъолайы та – зондабитæ. Фидæнмæ дæр сæм бирæ фæндтæ ис. Цæмæй ныры дуджы домæнтæн дзуапп дæтта сæ куыст, уымæн фæнд кæнынц робототехникæ æмæ авиацион æрмдæсныйадыл сабиты фæцалх кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Фидæны куырдадз

Категория:

Новости и СМИ