Беслæны бырондæттæм хæстæг сæвæрдтой видеоцæстдарды камерæтæ

Беслæны бырондæттæм хæстæг сæвæрдтой видеоцæстдарды камерæтæ. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ ахæм хуызы фæнды горæты сыгъдæгдзинады уавæр фæхуыздæр кæнын. Мониторинг цæуы онлайн хуызы. Ныр административон къамис бæрæг кæндзæн, бырондæтты онг хауæддзæгтæ чи нæ бахæссы, кæнæ дзы арæзтадон бырон чи калы, уыдоны. Цæудзысты иваргонд. Камерæтæ ма бæрæг кæнынц автомобилон номыртæ. Афтæ, хæдтулгæты хицæуттæ дæр дзуапп дæтдзысты. Уæдæ камерæты руаджы æвæстиатæй бæрæг уыдзӕн, контейнертæ кæй байдзаг сты. Уый тыххæй хъусын кæндзысты регоператорæн æмæ-иу бырон афойнадыл аласдзысты.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
18 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии