Цæгат Ирыстоны хицауады уæнгтæ æрдзырдтой республикæйы ахсджиаг фарстатыл
Цæгат Ирыстоны коронавирусæй ног рынчынты нымæц чысыл фæкъаддæр. Уый тыххæй фехъусын кодтой хицауады аппаратон æмбырды. Сæрдариуæг дзы кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уавæр нырма у зæрдæхсаинаг. Ковиды ныхмæ арæзт æдасдзинады мадзæлттæ хъæуы фæкарздæр кæнын, бафиппайдта регионы разамонæг. Уыцы куыст сæрмагондæй хъæуы кæнын районты. Адæмимæ хъæуы фылдæр ныхас æмæ æмбарын кæнын, санитарон домæнтæ æххæст кæнын кæй хъæуы, уый. Адæм фылдӕр кæм æмбырд кæнынц, ахæм бынæттæм цæмæй ма цæуой æмæ маскæтæ дарой. Сергей Меняйло ма фæнысан кодта, республикæйы поликлиникæты куыст студенттæ-медиктæй кæй фæтыхджындæр кæндзысты, уый. Уыдон дохтыртæн æххуыс кæндзысты амбулаторон пациенттимæ архайгӕйӕ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv