Æхсджтаг фарстæм æркаст

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур фембæлд Рахизфарсы районы цæрджытимæ æмæ сын байхъуыста сæ фарстатæм. Фембæлд уыд районы культурæйы галуаны. Адæм алыхуызон фарстатимæ æрбацыдысты. Сæ фылдæр баст уыдысты цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады куыстимæ, фæндæгты уавæримæ, кæртыты аивдзинадимæ æмæ сывæллæттæн хъазæн фæзтæ аразынимæ. Бирæтæ ма `рбацыдысты куыстагур. Таймазты Артур зæрдæ бавæрдта районы цæрджытæн баххуыс кæнынæй æмæ, алы фарстамæ дæр йæ цæст кæй дардзæн, уымæй. Уæлдай тынгдæр та æххуысмæ æнхъæлмæ кæсынц Цæлыччы цæрджытæ. Абон Таймазты Артуры хъæппæрисæй арæзт центр "Кавказы бархионтæ"-йы уæнгтæ æххуыс кодтой хъæуы цæрджытæн. Сæ кæртытæ сын цъыф, æлыг æмæ æндæр быронæй сыгъдæг кæнынц. Хъæуы ныр дæр ма иуварс кæнынц æрдзон фыдбылызы фæстиуджытæ. Цæмæй знаггадхæссæг цаутæ мауал æрцæуа, уый тыххæй ахсджиаг у доны былгæрæттæ рæстæгмæ ныффидар кæнын. Фæстæдæр донвæд фæарфдæр кæндзысты, былгæрæттæм та бындуронæй базилдзысты. Уæдмæ та уал бархионтæ хъыгдард баййафджытæн æрбаластой цемент, хуыр æмæ хъæдæрмæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Æхсджтаг фарстæм æркаст

Категория:

Новости и СМИ