Сергей Меняйло Мæскуыйы фембæлд Ирек Файзуллинимæ

Сергей Меняйло Мæскуыйы фембæлд бæстæйы арæзтад æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Ирек Файзуллинимæ. Ныхас цыд Цæгат Ирыстоны арæзтадон комплексы райрæзты сæйраг фарстатыл. Регионы разамонæг куыд загъта, афтæмæй 2023-æм азы сæ цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн паддзахадон æххуыс райстой 93 æрыгон бинонтæ. Фæнысан ма кодта, бинонтæн æххуысы мадзæлттæм республикæйы уæлдай æргом 'здæхт кæй цæуы. Фыццаградон æгъдауæй паддзахадон æххуысы фæдыл курдиат бадæттынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ дæр. Уæлдай æргом здæхт цæуы, лæбырдтытæй тæссаг бынæттæй цæрджыты æдас ранмæ раивыныл. Мæздæджы районы зæхлæбырдтыты бын фæуынæй тæссаг у 159 цæрæн хæдзарæн. Ныхас ма цыд Дзæуджыхъæуы 261 гектарыл ног микрорайоны арæзтадыл. Проектмæ гæсгæ дзы уыдзæн социалон, инженерон, фæндаггон инфраструктурæ. Йæ саразын бантысдзæн къазнайы сæрмагонд кредиттæ, кæнæ "Сейсмика"-йы мадзалы руаджы.

Иконка канала IRYSTONTV
1 461 подписчик
12+
16 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии