Болгарийы фæзындзæн Хетæгкаты Къостайы цырт
Болгайраг горæт Плискæйы фысджыты Аллеяйы фæзындзæн ирон литерæтурæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы номыл цырт дæр. Уымæй уæлдай ма ам ис, культурæйы рæзтмæ стыр æвæрæн чи бахаста, йæ уацмыстæ кириллиццæйы бындурыл чи фыста, ахæм 80 фыссæджы монументтæ. Цырты автор у ирон скульптор, нывгæнджыты цæдисы уæнг Хайты Ибрагим. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ фыццаг куыст нæ уыдзæн. Йæ скульптурæтæ ныр цалдæр азы рæвдауынц Дзæуджыхъæуы цæрджыты цæст. Се `хсæн – «Городовой», «Нардытæй – хъазджытæ», «Хæрæг æмæ куыдз», стæй æндæртæ. Болгаримæ цы цырт скæна, уый рæбын æрæвæрдзысты алы Къостайы райгуырæн бæстæйæ ласт армыдзаг зæхх. Монументы уæз уыдзæн 30 киллограммы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Болгарийы фæзындзæн Хетæгкаты Къостайы цырт
Категория:
Новости и СМИ