Æргом ныхас
Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз фембæлд республикæйы цæрджытимæ. Премьер-министрмæ æрбацыд 14 адæймаджы. Сæйрагдæр адæмы фæндыд материалон æххуыс райсын. Бирæты та бафæндыд, цæмæй сæм сæ амалхъомдзинады фæкæсой. Зæгъæм, Четойты Руслан радзырдта йæ проекты тыххæй. Æрыгон адæймаджы фæнды хъæууон-хæдзарадон æмæ сæрмагонд техникæйы центр байгом кæнын. Ныртæккæ куыстуатæн йæхи бынат нæй. Ам кусы 12 адæймаджы. Фидæны та хъуамæ 50 бауой. Четойты Руслан йæ куыстуатыл ныридæгæн бахардз кодта 70 милуан сомы. Фæлæ уый фаг нæу. Амалхъом адæймаджы æрбацыд паддзахадон æххуысгур. Проектмæ фæкæсын кæй хъæуы, уый Тускъаты Таймураз дæр фæнысан кодта. Иу куыстуат ма цух æййафы æхцайы фæрæзтæй. ВЁшенкæтæ кæм зайын кæнынц, зокъоты ахæм комплекс. Заводы ныртæккæ кусы 50 адæймаджы. Бонмæ уадзынц зокъоты 100 килограммы. Фæлæ сæ авналæнтæ сты зынгæ фылдæр. Цæмæй рапарахат уой, уый тыххæй сæ хъæуы паддзахады `ххуыс. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æргом ныхас
Категория:
Новости и СМИ