Сергей Меняйло бабæрæг кодта тæрхондоны системæйы кусджыты 'хсæн мини-футболæй ерыстæ
Дзæуджыхъæуы уыд регионты 'хсæн турнир мини-футболæй тæрхондоны системæйы кусджыты 'хсæн. Мадзал бабæрæг кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Йæ раныхасы куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахæм ерысты руаджы парахатдæр кæнынц патриотон æнкъарæнтæ æмæ иудзинад. Мадзаларазæг - Цæгат Ирыстоны Сæйраг Тæрхондон. Турниры архайдтой Санкт-Петербургы, Хъæрæсе-Черкесы æмæ Стъараполы минæвæрттæ дæр.