Цы дарддæр?
Завод «Электроцинчы" дарддæры куысты фæдыл арæзт сæрмагонд къамисæн уыд радон æмбырд. Сæрдариуæг дзы кодта нæ республикæйы экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министр Мамиаты Чермен. Æрдзырдтой дзы куыстадон къордты архайдыл. Заводы æмæ Росприроднадзоры минæвæрттæ æмбырдмæ нæ саккаг кодтой ныр дыккаг хатт. Пъырыстыфты федералон службæйы управленийы разамонæг Къесаонты Игорь радзырдта, куыстуат федералон цæстдарæн оргæнтæ æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы 'хсæн бадзырды домæнтæ кæй нæ сæххæст кодта. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, "Электроцинчы" ныхмæ æххæстгæнæн хъуыддаг байгом кодтой ацы азы 29 ноябры. "Электроцинчы" разамынд хъуамæ заводы алфамблай рацарæзтаид санитарон-хъахъхъæнæн фæзуат. Куыстадон къордты разамонджытæ ныртæккæ бæрæг кæнынц, экологийæн завод цы зиан хæссы, уыцы информаци. Санкт-Петербургæй, Лондонæй æмæ Сербийæ специалисттæ хъуамæ сбæрæг кæной мæры уавæр. Семæ хъæуы бадзырд бафыссын. Æмбырды куыд фехъусын кодтой, афтæмæй холдинджы разамонæг Андрей Козицын разы у аныхас кæнын куыстуаты дарддæры хъысмæтыл. Фæлæ уый уыдзæн 21 декабры зынгсирвæзты фæдыл иртасæн куысты кæрон. Ныртæккæ заводы куыст баурæдта. Экологон æмæ технологон цæстдарды управленийы разамонæджы хæдивæг Цалиты Алан куыд зæгъы, афтæмæй «Электроцинчы" фæдыл арæзт сæрмагонд къамисы куыст кæронмæ фæуыдзæн 20 декабры. Æрмæст уыцы æмгъуыдмæ хъæуы æппæт хъæугæ экспертизæтæ скæнын. Заводы куысты рабæрæг кодтой æнæмæнг домæнтæ `ххæст кæныны хъуыддаджы 120 аиппы æмæ 484 техникон хуызы хъæндзинæдтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цы дарддæр?
Категория:
Новости и СМИ