Адæмы миниуæг?

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

8 лет назад

Æрдзæн æппæты фылдæр знаггад цы хæссы, уыдонæй иу у – бырондæттæ. Нæ республикæйы алы районты дæр фæскъæвда зокъотау фæзынынц. Уыимæ, кæм нæ хъæуы, ахæм бынæтты. Се `хсæн разыны ахæмтæ, æмæ сæ айсын кæнæ ныссыгъдæг кæнын стыр хъаймæт вæййы. Зæгъæм, Дзæуджыхъæуы, Марковы номыл уынджы цы бырондон ис, уый. Бынæттон цæрджытæ хъаст кæнынц, кæдмæ ма цæрдзысты хауæццæгты `хсæн, зæгъгæ. Ацыдыстæм дзуапп агурынмæ. 30 азы размæ ам хъавыдысты бирæуæладзыгон хæдзар саразын. Райдыдтой дзы арæзтадон куыстытæ кæнын, зæхх скъахтой, фæлæ цы компанийы бæрны уыдис, уый, куыд фæзæгъынц, æнæ хæлафæй аззад. Нал – æхца, нал – арæзтад. Адæм æнæхицау фæзыл фæцахуыр сты æмæ дзы уайтагъд бырондон ацарæзтой. Фæлæ йæм хæстæг чи цæры, уыдон сабухтой. Горæты хицауадмæ сæ хъаст бахастой. Фæнды сæ, цæмæй бынат ныссыгъдæг кæной æмæ дзы бактæ сæвæрой. Марковы номыл уынджы 12-æм хæдзары цæрæг Екатерина Гончарова: «12 азæй фылдæр ам цæрæм æмæ ацы бырондонмæ кæсæм. Уынæг æй нæй. Хорз у æмæ ма мæнæ къæвдатæ куы ракæны, уæд сæ дон йемæ ахæссы. Æмæ ма махмæ бынтон афтæ æвзæр нæу. Бырондон нæ разы кæй сарæзтой, уымæй, кæй зæгъын æй хъæуы, разы не стæм. Фæнды нæ цæмæй администраци хъуыддагмæ æркæса». Дзæуджыхъæуы администраци йæхи ницызонæг скодта. Ацы зæхх ис кооперативы бæрны. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ йæм хъуамæ хъус дарой кооперативы минæвæрттæ. Куыд уынут, афтæмæй ацы æрмæг цалынмæ истам, уæдмæ администраци дæр чысылгай базмæлыд. Ахæм уавæрмæ кæй æрхаудысты, уый, дам, адæмæн сæхи аххос у. Сæ бырæттæ заборы рæбын цæмæн калынц, зæгъгæ. Куыдфæнды куы уа, уæддæр ахæм митæ банымайæн ис административон закъонхæлдыл. Аххосджынты бафхæрæн дæр ис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Адæмы миниуæг?

Категория:

Новости и СМИ