Дзæуджыхъæуы схорзæхджын кодтой акци "Мастер цифрового общения"-йы уæлахиздзауты
Дзæуджыхъæуы схорзæхджын кодтой акци "Мастер цифрового общения"-йы уæлахиздзауты. Дипломтæ æмæ лæвæрттæ архайджытæн кадджын уавæры радтой республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ æмæ регионы нымæцон рæзты комитеты сæрдар Гахаты Даниил. Рамбылдтой 3 ахуыргæнæджы æмæ 6 скъолайы. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, информацион-коммуникацион платформæ "Сферум" сарæзта онлайн-марафон уæрæсейаг ахуыргæнджытæн. Уый хатдзæгтæм гæсгæ алы регионы дæр равзæрстой æппæты зæрдæргъæвддæрæй чи бацархайдта, уыдоны. Фыццаг бынат бацахста Цæгат Кавказы хъæды хæдзарады механизаци, автоматизаци æмæ управленийы техникумы педагог Гаглойты Майя. Платформа "Сферум" у лæвар паддзахадон платформæ скъоладзаутæ æмæ ахуыргæнджытæн. Ис дзы видеоуроктæ кæнын, чатты ныхас кæнын, файлтæ кæрæдзимæ æрвитын, видеоматериалтæ æмбырд кæныны фадæттæ.