Цæгатирыстойнаг агурæн-ирвæзынгæнæн отрядыл сæххæст 27 азы
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг управленийы агурæн-ирвæзынгæнæн отрядыл сæххæст 27 азы. Уыцы рæстæгмæ иу æмæ дыууæ адæймаджы нæ аирвæзын кодтой. Сæ арæхтдзинады тыххæй сæ дыууæ хатты банымадтой хуыздæрыл. Хоранты Андрей ирвæзынгæнæгæй кусы 10 азæй фылдæр. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ сабибонтæй фæстæмæ фæндыд адæмæн æххуыс кæнын. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстойнаг управленийы агурæн-ирвæзынгæнæн къордмæ æрбацыд ирвæзынгæнæгæй. Фæстæдæр райста альпинисты разряд. Хоранты Андрей: Цæгат Ирыстоны агурæн-ирвæзынгæнæн хайады фыццаг къæпхæны ирвæзынгæнæг: Ирвæзынгæнæджы куыст бирæвæрсыг у. Уыцы иу рæстæг хъуамæ йæ бон уа артимæ тох кæнын, уымæй уæлдай ма фыдбылызæй адæймаджы аирвæзын кæнын. Уæдæ ма зона къæдзæхтæм бырын дæр. Куы бахъæуа уæд доны бын дæр куыд арæхса. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгатирыстойнаг агурæн-ирвæзынгæнæн отрядыл сæххæст 27 азы
Категория:
Новости и СМИ