РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Кировы районы цæрджытимæ
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг дарддæр æмбæлы республикæйы цæрджытимæ. Ацы хатт уыд Кировы районы. Кæрдзыны хъæуы. Æмбырды архайдтой районы сæргълæууæг Накуысаты Барис æмæ респубикæйы министрадты минæвæрттæ. Культурæйы бынæттон хæдзары сæмбырд 300 адæймаджы. Сæ фæрстытæ раттыны фадат уыд Хъахъхъæдуры цæрджытæн дæр. Адæмы тыхсын кодтой алыхуызон хъуыддæгтæ. Дыууæ хъæуы дæр хæдзæрттæм дон кæлы къуылымпытимæ. Культурæйы бынæттон хæдзар хъæуы сцалцæг кæнын. Уымæй уæлдай ма нæ респуликæйы сæргълæууæгмæ фæсидтысты цæмæй хъæуы саразой сывæллæттæн спортивон комплекс. Адæмæй бирæтæм уыд хицæн фæрстытæ. Уыдонимæ Битарты Вячеслав аныхас кодта æмбырды фæстæ. Хъæуы ахсджиаг дæр фарстæй иу у æхсæнадон транспорт сæм кæй нæ цæуы, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав фембæлд Кировы районы цæрджытимæ
Категория:
Новости и СМИ