Уæрæсейы вице-премьер Марат Хуснуллин амыдта регионалон райрæзты къамисы президиумы æмбырд
Вице-премьер Марат Хуснуллин амыдта регионалон райрæзты хицауады къамисы президиумы æмбырд. Ныхас цыд арæзтадон къабазы архайдыл экономикон зын уавæрты рæстæг. Сæйраг хæс — архайд фæцудын ма бауадзын. Фыццаджыдæр ныхас цæуы фæндæгты арæзтадыл, бындурон цалцæгыл, стæй фæсарæйнаг арæзтадон æрмæг кæм нæ хъæуы, уыцы объекттыл. Вице-премьер куыд загъта, афтæмæй æхцайы фæрæзтæ регионтæм æрвитдзысты, уымæ гæсгæ сæ куыст хъуамæ ма 'рлæууа. Хицауад бахаста Паддзахадон думæмæ закъонадон хъæппæристы фыццаг хай, арæзтадон къабазы райрæзтæн ахъаз чи уыдзæн, ахæмтæ. Уыдоны 'хсæн - проектон документацимæ ивддзинæдтæ хæссыны бар æнæ сæрмагонд иртæстытæ кæнгæйæ, зæгъæм фæсарæйнаг арæзтадон æрмæг ивд куы цæуа бынæттонæй, уæд. Уыимæ ма кризисы ныхмæ мадзæлтты фæлгæты хицауад рахаста фæндон фенцондæр кæнын арæзтадæн бардæттæг документаци, кæнæ та объекты цæттæддзинады гæххæттытæ исыны фæтк, стæй æдæр ахæм документтæ райсыны хъуыддаг. Вице-премьер Марат Хуснуллин ма куыд фæнысан кодта, афтæмæй фæнд кæнынц паддзахадон æмæ муниципалон контракттæ дæттытæн сæрмагонд æркæстыты фæтк дæр фæрогæр кæнын. Хицауад ма фæцудын нæ бауатдзæн ипотекæйы программæтæ дæр. Аразтадон компанитæн бар уыдзæн субсидитæй спайда кæнынæн дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv