Фыдæлты уæзæгмæ. Цъæйы комы дзуæрттæ
Æппæт Иры кæмтты ‘хсæн хицæн бынат ахсы Хуры ком – Цъæйы ком. Хуыдтой ма йæ Ивард Реком дæр, уымæн æмæ комæн йæ 'мбис нымад у сыгъдæг, табуйаг зæххыл. Рагон замантæй абоны онг Цъæйы комæй рацæугæ мыггæгтæ кад кæнынц сæ иннæ рухс дзуæрттæн дæр.