РЦИ-Аланийы хъæууон хæдзарады министры хæдивæг аргъ скодта хъæууонхæдзарадон куыстуаты архайдæн
Ацы хъæууонхæдзарадон цæрæгойтæ уайтагъд айрæзынц æмæ схæрзхаст вæййынц. Уымæй хицæн кæнынц иннæ мыгæгтæй. Схуыдтой сæ "Дорпер", зæгъгæ, хуыз. Хуссар Африкаг фыстæ рауагътой селекционертæ 1930-æм азы баиуады руаджы. Иннæ цæрæгойтæй уæлдай сæ æлвынын нæ хъæуы. Сæ хъуын у рог æмæ цыбыр. Уалдзæг æмæ сæрды йæхæдæг азгъæлы. Уый та рогдæр кæны фермерты куыст, сæ рæстæг æмæ фæрæзтæ сын фæстауæрц кæны. Уымæн æмæ иу фыс алвынæн бахъæуы 40 минуты бæрц æмæ 150 сомы. Хи куыстуат байгом кæныны хъуыды Ельбиты Давидмæ фæзынд цыппар азы размæ. Сфæнд кодта зæронд фермæ сног кæнын. Уый æнцон хъуыддаг нæ уыд. Бæстыхай бахъуыд бындуронæй рацаразын. Бæстонæй æвзæрста лыстæгвосы мыггаг дæр. Алы хуызтæм каст. Æрлæууыд Дорперыл. Ныртæккæ куыстуаты дарынц 400 фысы. Фарон сыл сфӕлвӕрдтой ног технологи лапароскопийы ӕххуысӕй. Уый тыххӕй Мӕскуыйӕ ссыд ветеринарты сӕрмагонд бригад. Уыйадыл 103 фысæй рацыд 113 уæрыккы. Лапароскопийӕ у ӕдас ӕмӕ эффективон гӕнӕн. Операци кæнынц сæрмагонд приборæй. Процедурæ рæстæг фыстæн тæссаг ницæмæй вæййы. Генетикæ ма фехалыны тыххæй цæрæгойты хуызтæ иумæ нæ уадзынц. Ныртæккæ куыстуаты разамынд архайы мыггæгты хæдзарады статус райсыныл. Иу нысан ма - базарады сæ уæй кæнын. Специалисттæ сæ цæст дарынц алы лыстæгдзинадмæ дæр. Æппынæдзух сæ райрæзтыл кусынц. Куыстуаты лыстæг фосæн холлаг сæхæдæг цæттæ кæнынц. Авд хуызы кæрдæджытæ æмæ нартхор. Быдырты кусынмæ самал кодтой сæрмагонд техникæйы 7 иуæджы. Хæдзарады куыстæн аргъ скодта Къадзаты Игорь. Дзуапдæттæг министры хæдивæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй республикæ цæттæ у фермертæн æххуыс кæнынмæ. Куыстуаты афæдзмæ фæнд кæнынц 600 сæры онг фæфылдæр кæнын. Хæстæгдæр рæстæг ма сараздзысты ног корпус, зæрондæй та скæндзысты арæн хайад æмæ холлæгты цех.