Сывæллæтты рæвдауæндоны хъомылгæнæг Мæргъиты Раисæйы бахастой Уæрæсейы рекордты чиныгмæ
Сабийы хъуыдытæ истæмæ саразын æнцон хъуыддаг нæу. Йæ разгъор-базгъор æмæ гæппытæй куы фæлæууы æмæ æдзынæгæй куы фæхъусы хъомылгæнæгмæ, уæд уый бирæйыл дзурæг у. Мæргъиты Раисæ алы сывæллонæн дæр у зондамонæг æмæ уыцы иу рæстæг - хæлар. Йæ дæсныйады ис ныр 61 азмæ ввахс. Суанг ма Уæрæсейы рекордты чиныгмæ дæр бахауд, рæвдауæндоны хъомылгæнæгæй æнæсцухæй æппæтæй фылдæр кæй фæкуыста, уый тыххæй. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ куыст æнцон у. Уарзондзинадимæ цы хъуыддаджы бацæуай, уый дын зындзинад никуы æрхæсдзæн. Раисæимæ сывæллæттæн æнкъард никуы вæййы. Амоны сын нымайын, ахуыр кæнынц дамгъæтæ, ирон æвзаг, вæййы сæм физкультурæ дæр. Алы бон, æнæмæнг - тезгъо. Сыгъдæг уæлдæфмæ алфæмбылай дунейы æууæлтæ хуыздæр базоны саби, йæхæдæг раиртасы афæдзы афонтæ, зайæгойты æмæ цæрæгойты хицæндзинæдтæ. Уæдæ æнæ хъæзтытæй дæр куыд? Æмæ ацы хъуыддаджы Раисæ йе 'рыгон æмкусджытæй дæлдæр нæ лæууы. Сывллоны хи дæнцæгыл кæй хъæуы хъомыл кæнын, уый фидарæй зоны. Æмæ сабитимæ кусыны дæсныйады сусæгдзинад æрмæст иу у —рæстæг сын ма 'вгъау кæнын. Хъуамæ сæ æнцон, фæлæ пайдаджын архайдмæ сцымыдис кæнай. Сывæллоны зæрдæ та æнкъараг кæй у, уый дæсны хъомылгæнæг æнусы 'рдæгæй фылдæр зоны. Уарз æй - æмæ дæ уарздзæн. Абоны онг Мæргъиты Раисæ иу хатт дæр нæ фæгуырысхо, 61 азы размæ йæхицæн раст дæсныйад кæй равзæрста, ууыл.