Сæйрагдæр æдасдзинад
Абон нæ бæстæйы бæрæг кæнынц Уæрæсейы гвардийы бон. Бæрæгбон ныфидар кодтой дыууæ азы размæ Уæрæсейы президенты уынаффæмæ гæсгæ. Уæрæсейы гвардимæ хауынц мидæг æфсæдтæ, сæрмагонд хæслæвæрд кæмæн ис ахæм хайадтæ, æнæведомствон хъахъхъæнджытæ. Абон Уæрæсейы гварди у адæмы æдасдзинады сæйраг бæрæггæнæн. Бæрæгбоны фæдыл Дзæуджыхъæуы Уæрæсейы гвардийы хайадтæ цыдысты кадджын маршы. Æдæппæтæй дзы архайдтой 300 адæймаджы. Æфсæддонтæн арфæйы ныхæстæ загъта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Уымæй уæлдай ма Уæрæсейы гвардийы уæнгтæн Уырыссаг театры сарæзтой мадзал. Хорзæхджын дзы кодтой хуыздæрты. Саккаг сæ кодтой кады гæххæтытæй. Æфсæддонтæй куысты чи фесгуыхд уыдонæн саккаг кодтой кады гæххæтытæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сæйрагдæр æдасдзинад
Категория:
Новости и СМИ