Ахадгæ хъуыддаг
Дзæуджыхъæуы епархи æмæ республикæйы æфхæрдтæ æххæстгæнæн федералон службæ бафысстой æмгуыстады бадзырд. Фембæлды архайдтой Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Леонид æмæ федералон æфхæрдтæ æххæстгæнæн службæйы сæргълæууæг Юрий Емельянов. Æмгустады сæйраг нысан у ахст адæмы уавæр фæхуыздæр кæнын æмæ сæ раст фæндагыл сæвæрын. Бадзырдмæ гæсгæ архайдзысты фыдракæндты нымæц фæкъаддæр кæныныл дæр. Федералон ведомствæйы минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, ахæстоны чи бады, уыдонæн дины кусджытимæ æмархайд у ахсджиаг. Уыимæ ма æрныхас кодтой фидæны нысæнттыл дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахадгæ хъуыддаг
Категория:
Новости и СМИ