Цæгат Кавказы хæххон металлургон институт бæрæг кæны йæ 90 азы юбилей

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

90 азмæ бирӕ наукон куыстыты æмæ æнтыстытæ. Цæгат Кавказы хæххон металлургон институт бæрæг кæны йæ юбилей. Кадджын мадзалмæ снысан кодтой æппæтадæмон конференци «Плаксинские чтения», зæгъгæ. 4 боны дæргъы геологи æмæ металлургийы къабазы ахуыргæндтæ архайдзысты конференцийы. Хæххон гуырæнты 3D-модель скæнын æнцон хъуыддаг нæу. Кусын ыл райдайынц геологон бæрæггæнæнтæ æмбырд кæнынæй. Куыд раст уыдзысты, уымæй аразгæ у, модель бæлвырд уыдзæн æви нæ, уый. 3D æркасты руаджы фенæн ис, технологон процесстæ куыд цæуынц, уымӕ. Скæнæн сын ис рагагъоммæйы хатдзæгтæ дӕр. Ацы моделты рацарæзтыл архайынц хæххон дæсныйæдты аспиранттæ æмæ студенттæ. Ног проекттӕ снысан кæнын къухы бафтыд сæрмагонд компьютеры руаджы. Уæлдæр ахуыргæнæндон æй ацы аз самал кодта, Норникелы проектты æфтиæгты руаджы. Сæрмагонд компьютеры сæйраг нысан - ахуырадон архайд. Суинаг дæсныты зонгæ кæнынц хæххон куысты хицæндзинӕдтимӕ. Ахæм кусæнгæрзтæ Уæрæсейы цалдæр сты. Цæгат Ирыстоны у иунæг. Уæлдæр ахуыргæнæндоны бындурыл центр «Ирыстон»-ы иртасынц арæзтадон æрмæджытæ æмæ уыдонӕй конд алыхуызон дзауматæ. Сæрмагонд техникæйы руаджы сын бæрæг кæнынц сæ фидардзинад. Иртæстытæ аразынц æрмæст центры нæ. Инженертæ ацæуынц арæзтадон объекттæм дæр. Уымæй уæлдай ма центры проекттæ кæнынц геодезийы кьамистытӕм гӕсгӕ. Уæлдæр ахуыргæнæндоны студенттæн ахуырты рæстæг сæ бон фенын у, иртæстытæ куыд арæзт цæуынц, уый. Ныртæккæ Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты уæлдар ахуырад дӕттынц 51 къабазмæ гæсгæ. Хæххон дæсныйæдты студенттæ ма пайда кæнынц IT - технологитæй. Уый сын фадат дæтты сæ арæхстдзинад алыхуызон къабæзты æвдисынæн. Уæлдæр ахуыргæнæндон у хæххон промышленносты кадрты куырдадз. Фæсивæд практикон ахуыртæ цæуынц нæ бæстæйы раззагдæр куыстуæтты. Се 'хсæн Норникель, Росатом. Ӕрæджы та 50 студенты араст сты Южуралзолото, зæгъгæ, куыстуатмæ. Уæлдæр ахуыргæнæндон цымыдисаг у фæсарæйнаг студенттæн дæр. Нигери, Алжир, Узбекистанӕй. Сæ нымæц рæзы. Ацы аз 120 адæймаджы систы институты студенттæ. Цæгат Кавказы хæххон металлургон институт бæрæг кæны йæ 90 азы юбилей. Бæрæгбоны мадзæлттæ эпидемиологон уавæры аххосæй арæзт не 'рцыдысты. Юбилеймӕ снысан кодтой æппæтадæмон конференци «Плаксинксие чтения», загъгӕ. Йæ архайджытæ дзырдтой минералон хомагыл кусгæйæ экологи бахъахъхъæныныл. Мадзал регионы фыццаг хатт цæуы. Конференцийы архайынц геологи æмæ металлургийы къабӕзты раззагдæр ахуыргæндтæ. Конференци цӕудзӕн цыппар боны. Куыст арæзт уыдзæн цалдæр къæпхæнмæ гæсгæ. Сæ сæйраг нысан - æнтыстдзинæдты бындурыл фӕлтӕрддзинадӕй фæхай кæнын. 90 азы дӕргъы - наукон куыстытæ æмæ æнтыстдзинæдты фæндагыл. Разæй - уæлдæр ахуыргæнæндоны историйы ног сыфтæ æмæ егъау гæнæнтæ. Фидӕны пълæнты - программæ «Приоритет 2030»-ы архайын. Уый руаджы институты райрæзтæн фӕуыдзӕн уæлæмхасæн гæнæнтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv