Ком цæмæй нæ фæфидаудзæн
Сæрды уæлдай зæрдæмæдзæугæ уавæртæ аулæфынæн вæййы Фыййагдоны. Уырдæм сæхи æрмæст цæгатирыстонæйтæ не `лвасынц, фæлæ ма нæ республикæйы уазджытæ дæр. Уæвгæ ма дзы кæд къах æрæвæрæн уа, уæд. А-фæстаг рæстæг бирæты сæ Хуыцауы хай комы мæлдзгуыты губаккау коттеджтæ аразыныл скодта. Уыдон та æрдзы аивдзинад халынц. Ахæм хъуыдыйыл хæст у, Мæскуыйæ цы архитектор ссыд, уый дæр. Фæнд кæны комы аивдзинадыл бæстонæй бакусын. Уый тыххæй сарæзтой семинар. Йæ фæлгæты специалисттæ радзырдтой, цы хъуыдытæ сæм ис, уый тыххæй. Базыдтой сæ на уацхæсджытæ дæр. Екатерина Гандрабора Ирыстоны фыццаг хатт нæй. Дохтырты амынддзинадмæ гæсгæ-иу æрбафтыд. Арвыстой-иу æй Куырттаты коммæ, цæмæй йе `нæниздзинад фæхуыздæр кæна. Чызджы зæрдæмæ ацы ран тынг цыдис. Æрмæст иучысыл хъынцъым кодта, атезгъо кæнынæн дзы бынæттæ фаг кæй нæй, ууыл. Екатерина йæ дæсныйадмæ гæсгæ у архитектор æмæ культуролог. Иуварсæй кæса ахæм уавæрмæ, уый йæ зæрдæ нæ бакуымдта. Æрхъуыды кодта поселочы фæлыстыл бакусын. Райдыдта уал семинар саразынæй. Екатерина Гандрабора: «Мæхи ирхæфсгæйæ мæм бахъардта, иннæ курорттимæ абаргæйæ дзы зæрдæйæн æхсызгон бынæттæ фаг кæй нæй. Нæй дзы къахвæндæгтæ, æрцæуæг адæмæн сæ бон ком хуыздæр базонын кæй руаджы у, ахæмтæ. Мæхицæй йæ зонын. Уæвгæ, цыфæнды æнтыстджын проект дæр райдайы хи дæнцæгæй». Ныр семинары архайынмæ æрбахуыдта канд ирыстойнаг архитекторты нæ, фæлæ ма Мæскуыйæ дæр. Нырыккон аивады центры директор Тебиаты Галинæимæ фæдзырдтой, архитекторы дæсныйад чи райсдзæн а-дыууæ боны, уыдонмæ дæр. Семинары архайджытæ комы авналæнтæ иртасгæйæ уайтагъд сæхи цæлхдуртыл скъуырдтой. Адæмы бырон æмæ арæзтадон фæлхæрдты обæуттæм иунæг турист дæр йæ ных нæ сараздзæн. Æмæ ма канд уый куы тыхсын кæнид адæмы... Ком райдианæй кæронмæ байдзаг ис амæй-æй къыра-мырудæр цæрæн хæдзæрттæ æмæ дуканитæй. Хæхбæсты цастæ фидауынц, стæй уæвгæ дæр фидауынц, уый дыууæйыл у. Уæдæ закъон фехалын дæр цæст фæныкъулынæй уæлдай бирæтæн нæу. Æппæт уыдæттыл семинары архайджытæ ныхас кодтой поселочы администрацийы сæргълæууæгимæ. Сæ сагъæстæ фæнысан кодтой, нырма æвдисæн цы хорздзинæдтæн стæм, уыдон рæстæджы тарфы куы аныгъуылой, зæгъгæ. Алан Саухалты, РЦИ-Аланийы архитекторты цæдисы сæрдар: «Нæ йæ `мбарын, ахæс æрдзон рæсугъддзинæдтыл ма адæймаджы къухы фæд цæмæн хъæуы?! Мæнæ, зæгъгæм, мæ фæстæ... Уæвгæ, æнæнхъæн ком ахæм уавæры ис. Поселокмæ куы `рбацæйхæццæ кæнай, уæд раст цыма хæдзæрттæ нæ, фæлæ быроны кæритæ уыныс, афтæ зыны адæймагмæ. Кæй куыд фæнды, афтæ хæрдмæ ныззилы йæ арæзтад. Стæй уыдæттæ канд ам нæ цæуынц. Дзæуджыхъæумæ `ввахс Гæмæх хохы цур дæр - афтæ. Ницыуал дзы ныууагътой æнæвнæлдæй». Семинар фæцис, фæлæ архитектортæ цы уынаффæтæ рахастой, уыдон сæххæст кæныныл ныр хъуамæ бакусой. Цы бæлвырд фæндтæ сæм фæзына, уыдон рахæсдзысты адæмы размæ. Адæм фылдæр кæуыл схъæлæс кæной, уый амбулдзæн æмæ йыл райдайдзысты кусын. Бацархайдзысты, цæмæй гæххæттыл ма баззайа. Æрмæст канд сæхи тыхтæй ницы бакæндзысты, æхцайæ сæм исчи куы нæ фæкæса, уæд. Фыййагдоны поселок бынтон æнæрхъуыдыйæ ныууадзын, уый фидæны фæлтæртæ нæдæр æй æмбаргæ бакæндзысты, нæдæр - хатыр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ком цæмæй нæ фæфидаудзæн
Категория:
Новости и СМИ