Дзæуджыхъæуы дарддæр иуварс кæнынц тыхдымгæйы фæстиуджытæ

Дзæуджыхъæуы иуварс кæнынц тыхдымгæйы фæстиуджытæ. Горæты уынгты афæлдæхдысты бæлæстæ, уый хыгъд бирæ хæдзæрттæ баззадысты æнæ электрон тыхæй. Се 'хсæн Ларс, Цми, Редант, Балта. Уыимæ ма кæмдæрты нæй дон дæр. Горæты нæ кусынц 10 светофоры. Бынæттон администрацийæ куыд хъусын кæнынц, афтæмæй æхсæвæй фæстæмæ аварион бригадтæ иуварс кæнынц æвзæр боныхъæды фæстиуджытæ. Æдæппæтæй кусынц 240 адæймаджы æмæ техникæйы 40 иуæджы. Фæндаггон службæйы кусджытæ та сыгъдæг кæнынц Транскамы фæндаг. Рацыд дзы дурзæй. Уары дзы мит къæвда æмхæццæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, регионы тыхдымгæ кæндзæн 27 ноябры кæронмæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
21 просмотр
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии