Ног уæлахизтæм

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Ацы аз фæсивæдон форум «Машук»-мæ нæ республикæйæ чи ацæудзæн, уыдоны æвзарынц Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты. Æрыгæттæн амонынц сæ проекттæ куыд хуыздæр равдисой æмæ бахъахъхъæной, уый. Консультацитæ сын аразанц федералон эксперттæ. Хуыздæрты-хуыздæртæ та се рхъуыдыдзинæдтимæ æмæ проекттæ «Машук»-ы равдисдзысты 10-æм августы. Эксперттæ, лекцитæ, ног проекттæ ... Ахæм фæткæвæрдыл Цæллагты Зауыр ахуыр у. Фæсивæдон форуммæ фыццаг хатт нæ цæуы. Йе стыр бæллиц у йæ фыдæлты зæххыл, Уыналы этномузей саразын. Йæ проект ныридæгæн дæр æххæст кæнын райдыдта. Куыд, уымæ та цымыдисæй кæсынц канд республикæйы цæрджытæ нæ. Разæнгардæй æмæ йын æхсызгонæй æххæуыс кодтой федералон эксперттæ дæр. Фарон Зауыр рамбылдта æппæты стырдæр грант - 500 000 сомы. Ныр йæ размæ æвæры ног хæс - æрбацæуджытæн экспонаттæм æвналæн, семæ кусæн кæмæ ис, ахæм музей байгом кæнын. Æмæ та ногæй йæ ныфс дары «Машук»-ыл. Цæллагты Зауыр : «Фæнды мæ ирон адæмы æрвылбоны цардыуаг равдисын. 15-16 æнусты нæ фыдæлтæ куыд цардысты, уый. Мæ зæрды ис ардæм чи æрбацæуы. уыдон æрмæст кæсгæ куыд нæ кæной, фæлæ ма сæхæдæр архайджытæ куыд уой. Зæгъæм, кæй фæнда, уыдоны бон уыдзæн æрбадын. æрхуыссын æмæ йæ фæллад суадзын, куырдадзы, кæнæ æлыгимæ кусын æмæ систы дзаума скæнын. Æндæр исты хæдзары куыстытæ кæнын». Цæгат Ирыстонæй форуммæ фыццаг хатт чи ацæудзæн, уыдоны хсæн сты хæхтыл бырыны спорт чи уарзы, ахæм фæсивæд дæр. Фæнды сæ сæ уарзон хъуыддаг апарахат кæнын æмæ скаладром байгом кæнын. Гасситы Дзерассæ : «Æдзухдæр уымæ бæллыдтæн, цæмæй нæм горæты скаладром уа. Хъуыды кодтон, куыд хорз уаид дæ уæгд рæстæг хæстæг ранмæ æрбацæуын æмæ уарзон хъуыддагæй архайын. Иннæты йыл ахуыр кæнын æмæ сын æппæт сусæгдзинæдтæ амонын. Иу хатт иумæ куы æрæмбырд стæм, уæд æвиппайды ахъуыды кодтам - цæмæ æнхъæлмæ кæсæм. Кредит райстам æмæ бавнæлдтам йæ аразынмæ». Фæсивæдон форуммæ чи ацæудзæн. уыдон æй хорз æмбарынц, цыфæнды хорз проекы тыххæй дæр хъæуы раст радзурын. Цæмæй иннæты зæрдæмæ дæр фæцæуа æмæ йыл сæ цæст æрæвæрой, уый тыххæй. Ацы хъуыддаджы та сын фыццаг æххуысгæнджытæ сты - эксперттæ. Наталья Гаина, форум «Машук 2018» федералон эксперт: «Цæгат Кавказы регионтæн радих кодтой 83 млн сомы. Ома, алы архайæгæн дæр йæ бон у исты ГРАНТ рамбулын. Уый та сын хорз фадат у. Æхсызгон мын у Цæгат Ирыстонымæ нæ кæй æрбахуыдтой, уый. Фæсивæдимæ иумæ кæронмæ бакустам проекттыл. цæмæй сын æнцондæр уа æхца райсын æмæ дзы куыд хуыздæр, афтæ спайда кæнын. Мах сын баххуыс кæндзыстæм уæлæнгай проекттыл нымад куыд нæ æрцæуой, ууыл бакусын. Хъуадзы уа проблемæ æмæ йæ куыд аиуварс кæнæн ис, уый æвдисæг мадзæлттæ фыст». Хæстæгдæр рæстæг лекцитæ фæуыдзысты. Ныртæккæ сæйрагдæр у проект иттæг хорз бацæттæ кæнын. Райсом Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты уыдзысты кæронбæттæн амынддзинæдтæ æмæ ахуыртæ. Ног къуырийы та сбæрæг уыдзæн ацы аз фæсивæдон форуммæ чи ацæудзæн, уыдон. Уыдзысты 205 адæймаджы. Фарон нæ республикæй минæвæрттæ рамбылдтой 11 млн сомы аргъ гранттæ. Зæрдæ дарæн ис, ацы аз хуыздæртыл фылдæр фæсивæды кæй банымайдзысты. Чи рамбула, уыдоны проекттæ та республикæйæн æмæ адæмæн пайда кæй уыдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Ног уæлахизтæм

Категория:

Новости и СМИ