Дæргъæвсы комы цæрджытæ сæхæдæг цалцæг кæнынц фæндаг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Цалцæггæнæн куыстытæм бæстонæй æнхъæлмæ кæсынц Дæргъæвсы комы цæрджытæ дæр. Ныртæккæ адæм уырдæм бахауынц Хъæрмæдон кæнæ та Фиагдоны уылты. Фæндыгыл бахардз кæнынц бирæ рæстæг. Уый фæдыл адæм тыхсынц. Фæнды сæ, цæмæй раздæр цы фæндагыл цыдысты, ууылты цæуой. Фæлæ фæндаг ныртæккæ у бæстонæй цалцæггæнинаг. Цæмæй йæ скæной, уый тыххæй та хъæуынц æхцайы фæрæзтæ. Кæддæр ацы фæндагыл цыдысты нæ рагфыдæлтæ, зæгъы Дæргъæвсы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Бæдтиаты Владимир. Уæд адæммæ хæдтулæгтæ нæ уыд. Хъуыдис сæ-иу цæуын гал æмæ бæхуæрдæттыл. Фæлæ рæстæг куыд цыд, афтæмæй фæндаг хæлын райдыдта. Ныртæккæ фæндагыл хæдтулгæтæн цæуын зын у, уымæн æмæ цæлхытæ мидбынаты уæгъд зылд кæнынц. Уымæй фæндагтæ дæр хæлгæ кæнынц. Дзæуджыхъæуæй Дæргъæвсы коммæ бирæ тагъд бахауæн ис. Цæмæй хъуыддаг фæхуыздæр уа, уый тыххæй ныртæккæ ацы фæндагмæ сæхи хъарутæй зилынц Дæргъæвсы комы цæрджытæ. Хъæуы цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сын ныртæккæ бирæ æнцондæр у ацы фæндагыл цæуын. Кæд ыл бирæ фæрæзтæ бахардз кæнын хъæуы, уæддæр архайынц, цæмæй дзы хæдтулгæтæн æнцондæр цæуæн уа. Дæргъæвсы бынæттон администрацийы сæргълæууæг архайы, цæмæй йæм район дæр фæкæса, ууыл. Æрæджы сын баххуыс кодта иу амалхъом адæймаг дæр. Уый сæм æппынæдзух фæкæсы техникон фæрæзтæй. Ныртæккæ Дæргъæвсы комы цæрджытæ цæуынц Хъобангомыл. Фæндагыл бахардз кæнынц бирæ фылдæр рæстæг. Уæдæ ацы бынæттæм цæуынц æрбацæуæг адæм дæр. Уыимæ ма туристтæ дæр. Ныртæккæ хъæуы цæрджытæн сæйрагдæр у, цæмæй фæндаг бæстонæй цалцæггонд æрцæуа æмæ дзы хæдтулгæтæн дæр æнцондæр цæуын уа. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дæргъæвсы комы цæрджытæ сæхæдæг цалцæг кæнынц фæндаг

Категория:

Новости и СМИ