Дыгурон драмон театры сценæйыл равдисдзысты спектакль «Бæтæйы фырттæ»
Арæх барухс кæнынц аивадуарзджыты зæрдæтæ дæсны `вæрд спектакльтæй. Ныр дæр та адæмæн цæттæ кæнынц æцæг лæвар. 16-æм æмæ 17-æм майы театрдзауты размæ рахæсдзысты спектакль «Бæтæйы фырттæ». Нæ республикæйы сценæтæй ацы уацмыс фæиппæрд æнæхъæн 40 азæй фылдæр æмгъуыдмæ. Уымæн афтæ зынаргъ уыдзæн Дыгурон театры куыст. Ныртæккæ артисттæ кусынц режиссер Хадаты Альберты фæстаг амынддзинæдтыл. Тынг æнæвдæлон сты, нæ сæ фæнды адæмы цур фæкъæмдзæстыг уæвын. Æмæ сын хъуамæ бантыса. Артисттимæ ахсджиаг премьерæйы хæдразмæ фембæлдысты не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дыгурон драмон театры сценæйыл равдисдзысты спектакль «Бæтæйы фырттæ»
Категория:
Новости и СМИ