37 милуан сомы райсдзæн республикæ «Сæкæрнизимæ тох кæныны» федералон проектмæ гæсгæ

37 милуан сомы райсдзæн республикæ "Сæкæрнизимæ тох кæныны" федералон проектмæ гæсгæ. Уыцы фæрæзтæй балхæндзысты æнæрлæугæ мониторинджы системæтæ сывæллæттæ æмæ хистæртæн. Уый тыххæй хицауады аппаратон æмбырды Сергей Мняйлойæн радзырдта республикæйы Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Тебиаты Сослан. Нæ бæстæйы хицауады уынаффæмæ гæсгæ та Цæгат Ирыстоны медицинон кусджыты мыздтæн радих кæндзысты 119 милуан сомы. Уымæй уæлдай ма афæдзы кæронмæ Мæздæджы æмæ Горæтгæрон районты фелсырон-акушерон пункттæм бауадздзысты интернет. Дарддæр кусынц программæтæ "Хъæууон дохтыр" æмæ "Хъæууон фелсыр". Республикæйы сæргълæууæг ма йе 'ргом аздæхта кусджытæ кæй нæ фаг кæны, уыцы фарстамæ дæр. Республикæйы арæзт цæуынц проекттæ "Музейтæ - сывæллæттæн" æмæ "Театртæ - сывæллæттæн". Æмбырды ма ныхас цыд Æрæфы районы æрдæгарæзт скъолайы тыххæй. Бæстыхай нæ цæттæ кæны 2015-æм азæй. Алыбегты Эллæйы ныхæстæм гæсгæ йæ дарддæр араздзысты муниципалитеты фæрæзтæй. Сергей Меняйло бабар кодта уыцы фарста алыг кæнын. Ацы аз ма республикæ архайдзæн æппæтуæрæсеон акци "Елка желаний"-ы.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
45 просмотров
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии