Ирон дæн æз. Дуг. Цаутæ. Адæм
Æхсæнадон змæлд «Иудзинад»-ы хъæппæрисæй та радон хатт арæзт æрцыд конкурс-æркаст «Ирон дæн æз». Ирыстоны къуымты фидауц - фараст гуыппырсар лæппуйы абон æрбатымбыл сты «Металлургы» сценæйыл. Мæты бацыдысты. Лæппуты хæслæвæрдтæ уыйас зын нæ уыдысты, сæхæдæг фæрæдыйын цас тарстысты. Тынг тæрсынц, куы фæкъуылымпы уой искуы, æмæ сæ хъæу, сæ район куы фæсайой, уымæй. Ирон æгъдæуттæ, ирон адæмы истори, рагон кусæнгæрзтæ – адон æмæ æндæр фарстытæн къамисы уæнгтæ хъуамæ фехъуыстаиккой бæстон дзуæппытæ. Æркаст-саразджыты фæнды, цæмæй сæ архайджытæн сæ удты цы сæрыстырдзинад ис, уый райрæза. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ирон дæн æз. Дуг. Цаутæ. Адæм
Категория:
Новости и СМИ