Милуанмæ 'ввахс дидинджытæ срæсугъд кæндзысты Дзæуджыхъæуы уынгтæ
Милуанмæ 'ввахс дидинджытæ срæсугъд кæндзысты Дзæуджыхъæуы уынгтæ
Антирринумтæ, астрæтæ, георгинæтæ. Милуанмæ 'ввахс дидинджытæ срæсугъд кæндзысты Дзæуджыхъæуы уынгтæ. Республикæйы сæйраг горæты цъæхвæлыст аивгæнæн куыстытæм бавнæлдтой уалдзæджы. Сыджыт бацæттæ кæнын, зайæгойтæ ныссадзын, сæйрагдæр та сæм æмбæлгæ хуызы зилын. Уыцы куыст æрвылбон кæнынц 3 бригады 30 специалисты. Сӕ фӕрцы дидинджытæ адæмы зæрдæтæ рухс кæндзысты суанг фыццаг уазæлтты онг.