Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл тæрхондоны æмбырд аргъæвтой
Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл тæрхондоны æмбырд аргъæвтой, æвдисæн Елойты Батрадз кæй фæрынчын, уый аххосæй. Абон æй хъуамæ видеобастдзинады руаджы фарстаиккой. Уый 2015 азы октябры уыд Дзæуджыхъæуы пъæлицæйы хицау. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ абон Цъыккаты бинонты адвокаттæ хъуамæ бахастаиккой хъæппæрис, цæмæй пъæлицæйы раздæры 2 кусæгыл байгом кæной уголовон хъуыддæгтæ. Тæрхондоны æмбырд снысан кодтой 29-æм июльмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл тæрхондоны æмбырд аргъæвтой
Категория:
Новости и СМИ