Хъумбала #Кæрдæг
«Хъумбала», уырыссагау æй хонынц «мать-и-мачеха». Хъумбалайы тынг уарзынц сылгоймæгтæ. Рæсугъддзинадæн, дам, хос у, суанг ма цæсгомы æнцъылдтæ дæр лæгъз кæны. Зæронд чингуыты фыст ис, зæгъгæ, фыдæлтæ ныффыстой хъумбала дзыккутæ фидардæр кæй кæны æмæ сæ кæнкæй кæй хъахъхъæны, уый тыххæй. Уæвгæ, хорз ахады æппæт буары цармыл дæр. Фæлæ ацы кæрдæг нырма æмбырд кæнæн нæй. Цалынмæ йыл гыццыл къуызырхуыз тауинагхæссæг къоппытæ нæ фæзына, уæдмæ йæм æвналын нæ хъæуы, фæлæ уæддæр йе мбырдгæныны хъуыддаджы йæхи сæрмагонд сусæгдзинæдтæ ис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъумбала #Кæрдæг
Категория:
Новости и СМИ