Хистæрты цинæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Хистæр кары адæмыл аудын- кæстæртæн у сæ сæйраг хæс. Уымæ гæсгæ æвæгæсæгæй цы карджын адæм аззайынц, уыдонæн 72 азы размæ арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны хæдзар-интернат «Забота». Уæдæй нырмæ æххуыс хъуаг чи æййафы æппæт уыцы адæмæн ацы бæстыхайы хъарм къултæ æцæг къонайы ад скæнынц. Уæдæй абонмæ дзы цалцæггæнæн куыстытæ кодтой уæлæнгæйттæй, æмæ йыл уый фæбæрæг ис, уавæртæ зынгæ фæивтой-æвзæрырдæм. Цалдæр азы размæ хайæдтæй иуы бындурон цалцæгмæ æрæвнæлдтой. Ныридæгæн уыцы куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Интернаты цæрджыты цард цас фæхуыздæр уыдзæн, уый тыххæй нæ дарддæры æрмæг. Хуыссæнуæттæ, хæрæндон æмæ хи найæн уæттæ бындуронæй цалцæггонд æрцыдысты. Хæдзар-интернат «Забота»-ныр йæ хуыз скалдта. Раздæр фыццаг корпус бындуронæй сцалцæг кодтой. Нырттæккæ та аивгæнæн куыстытæ дыккаг хайады дæр кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Интернаты цæрджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй, сæм ног хицауад фарны къах æрбавæрдта, сæ уавæртæ хорзырдæм раивтой. Евгений Александров: «Уавæртæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æндæр уыдысты. Адæм дзы фылдæр уыдысты. Уæттæ та аив зынтæй схонæн уыд, зæрдæ иу сæ бамæгуыр. Иуылдæр сæ хъуыд сцалцæг кæнын. Цардысты дзы 8, 6, кæнæ 12 адæймаджы. Мæхæдæг цардтæн 15 адæймаджы цы уаты уыд, ахæмы. Ныр та иу уат дыууæ адæймагæн». Хæдзар-интернат бындурон цалцæггæнæн куыстытæ бакæныны нысанимæ куы æрæхгææдтой. Уæд ын йæ цæрджыты æнæхæдзарæй нæ ныууагътой, баузæлыдысты сыл, бынæттæ сын скодтой алыхуызон уагдæтты. Чидæр Дзæуджыхъæуы баззад. Кæй Дыгуры районы рынчындонмæ арвыстой, кæйдæр та бахъуыд республикæйæ æндæр ранмæ фæцæуын. Æмæ ныр цыппар азы фæстæ æцæг хæдзары ад сын цы къона кодта, уырдæм фæстæмæ æздæхынц. Уагдоны бындуронæй сцалцæг кæныны куыстытæм æрæвнæлдтой сæрмагонд программæйы фæлгæты. Æхцайы æххуыс райстой пенсион фонд æмæ нæ республикæйы хицауадæй. Æппæт ацы аивгæнæн куыстытæ бакæныныл ныридæгæн бахардз кодтой 100 милуан сомæй фылдæр. Æмæ хуымæтæджы нæ. Аразджытæ зæрдæ æвæрынц, цы бæстыхæйттæ сног кодтой, уыдоны се`нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы цæрджытæн ам цæрын æнцон уыдзæн. Зæгъæм, фæзындис сын пандустæ, уыдоны фæрцы дыккаг уæладзыгмæ æнцондæрæй схизæн уыдзæн. Уыдзæн ма дзы дыууæ ног физкультурон залы, фæлæ ууыл диссæгтæ нæ фесты. Сифтонг сæ кæндзысты ног кусæнгæрзтæй. Афтæмæй ам цы карджын адæм цæрынц, уыдоны æрвылбон цы процедурæтæ ацæуын фæхъæуы, уыдон уæлдай æхсызгондæр æмæ æнцондæрæй кæндзысты. Хæдзар-интернат «Заботæ»-йы директор Хъæцмæзты Фатимæ: «Ныртæккæ цæттæ кæнæм кусæнгæрзтæ. Ссардтам æхцайæ нæм чи фæкæса, ахæмты, ис нæм се`нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм адæм дæр, уымæ гæсгæ ахæм æххуысы фæрцы сын нæ бон уыдзæн се`нæниздзинадмæ биноныгдæрæй æркæсын. Фæзындзæн нæм физиокабинет дæр. Куыд нæ бон у, афтæ дзы кусдзыстæм цæмæй, рвнчынтæ ахæм æххуысæй дæр цух ма уой». Хæдзар-интернат «Заботæ»-йы бындурон цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Йе`ддаг бакаст саивгæнæн куыстытæн сæ 90% конд æрцыдысты. Базилдзысты ма кæртмæ дæр, срæсугъд æй кæндзысты ног аив цатыртæ. Фæзындзæн дзы ног забор дæр. Аразджытæ зæрдæ æвæрынц ноябры та ам ногæй цæрджытæ кæй æрбамбырд уыдзысты, уыимæ ма зæрдæ дарынц, сæ ног цæрæн бынат сын цин кæй хæсдзæн, ууыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Хистæрты цинæн

Категория:

Новости и СМИ