Цæгат Ирыстоны хицауады уæнгтæ се `мбырды дзырдтой ахсджиаг хъуыддæгтыл
Павел Игнатьев Цæгат Ирыстоны райрæзты агентады генералон директоры бынат суæгъд кодта. Уый тыххæй фехъусын кодтой республикæйы хицауады æмбырды. Генералон директорæй снысан кодтой Плиты Алыксандры. Раздæр уый куыста Цæгат Ирыстоны таможнийы посты хицауы хæдивæгæй. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, агентады генералон директор Павел Игнатьев ссис 2017 азы июлы. Æмбырды ма дзырдтой «Кадры будущего для регионов», зæгъгæ, проектыл. Йæ сæйраг нысан – сывæллæтты афтæ схъомыл кæнын, цæмæй сæ фидæны рауайа иттæг дæснытæ. Ацы хъуыддагыл бакусыны хæс йæхимæ райсдзæн Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министрад. Министр Людмила Башарина куыд зæгъы, афтæмæй сæйрагдæр у сывæллæтты къорды кусын сахуыр кæнын, сæ курдиат раргом кæнынæн сын баххуыс кæнын. Уымæй уæлдай ма дзырдтой республикæйы уæлæмхасæн ахуырад апарахат кæныныл. Людмила Башарина куыд фæнысан кодта, афтæмæй сывæллæттæ секцитæ æмæ кружокты архайдзысты лæвар. Уый тыххæй æхцайы фæрæзтæ радих кæндзысты республикæйы бюджетæй. Тускъаты Таймуразы ныхæстæм гæсгæ, ацы хъуыддаджы руаджы ахуырады хæрзхъæддзинад фæбæрзонддæр уыдзæн. Æмбырды ма дзырдтой промышленносты хъуыддæгтыл дæр. Премьер куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы къабазы райрæзты индекс фаронимæ абаргæйæ у къаддæр. Республикæйы промышленон куыстуæтты хъæуы фылдæр фæллойадон бынæттæ саразын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны хицауады уæнгтæ се `мбырды дзырдтой ахсджиаг хъуыддæгтыл
Категория:
Новости и СМИ