Цæгат Ирыстоны цæттæ кæнынц ног ахуыры азмæ
Сæрдыгон фæлладуадзæн бонтæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Бирæ нал баззад ахуырадон азы райдианмæ. Уый агъоммæ, Цæгат Ирыстоны профилон уагдæттæ æмæ бæрнон кусджытæ кæнынц бæстон цæттæгæнæн куыст. Сæ иу - скъолатæм цы автобустæ хауы, уыдоны уавæр. Бæлвырд сæ кæнынц нæ республикæйы паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ. Сæйрагдæр - фæндаггон æдасдзинады уагæвæрдтимæ æмдзу кæнын. Уæлдай дæр, сывæллæтты ласгæйæ. Ахæм хъуыддаджы лæмбынæг цæстдард хъæуы, куыд хæдтулгæты ифтонгадмæ, афтæ шофрты дæсныйадмæ. Æмæ кæд, скъолаты автобустæм æркæсыны хъуыддаг иу у, уæд нырма кæм не `сты уый та æндæр. Уыцы хыгъды æрæджы дæр ма уыди Дзуарыхъæуы скъола. Æндæр æркæсинаг фарстатæ дæр сæм уыди æмæ ис, фæлæ дзы ныр автобусы хъуыддаг ахицæн. Уымæй сæм фæкаст нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Ныр, ног ахуырадон азмæ ног зонындзинæдтæм сывæллæтты хæццæ кæндзæн ног хæдтулгæ. Дзуарыхъæуы скъолайыл цæуы 92 азы. Хъæуы у иунæг. Кæд ыл бирæ азтæ цæуы, уæддæр йæ уавæр у æппæлинаг. 2009-æм азы скъолайы рауагъдонтæй иу - Абайты Хаирбег рахай кодта фæрæзтæ скъола бындуронæй сцалцæг кæнынæн. Бæстыхайы мидæг бызылдысты кълæстæ, спортивон зал æмæ хæрæндонмæ. Срæсугъд кодтой скъолайæн йе 'ддаг бакаст дæр. Директор Гæздæнты Риммæйы ныхæстæм гæсгæ, сывæллæттæ ахæм уавæрты кæй ахуыр кæнынц, уымæн аргъ нæй. 2013-æм азæй нырмæ скъолайы æппæт ахуырдзаутæ дæр райсынц цы ахуыргæнæн чингуытæ сæ хъæуы, уыдон се 'ппæт дæр. Ныййарджыты сæ цотæн чингуытæ æлхæныныл тыхсын нал хъæуы. Скъолайы ма ис чысыл музей дæр. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ иу ахуырдзаутæ фæзты ссардтой салдæтты каскæтæ, нæмгуытæ æмæ хæцæнгæрзты хæйттæ. Уæд скъолайы рахастой музей байгом кæныны уынаффæ, цæмæй уыцы цаутæ рох ма кæной. Уæлдай бынат скъолайы музейы ахсы хъæуы хъайтартæ - Гæздæнты æфсымæртæн мемориалон фæйнæг. Кæд скъола цалцæггонд æмæ хорз зылд уыд, уæддæр ма сæм иу гом фарста уыд. Скъоладзауты рагæй хъуыд автобус. Хъæуы дæргъ 5 километрæй фылдæр у. Æмæ-иу раздæр сывæллæттæ цыфæнды боныхъæд куы уыд, уæддæр цыдысты фистæгæй. Уый тыххæй ма иу урочытæм æрæджы дæр баисты. Ацы фарста хъæуы цæрджытæ рахастой нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы размæ, цæрджытимæ фембæлынмæ куы рбацыд, уæд. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг цыбыр рæстæгмæ баххуыс кодта фарста аиуварс кæнынмæ. Ныр Дзуарыхъæуы скъолайы фæзынд микроавтобус. Директоры ныхæстæм гæсгæ, ныр алцæмæй æххæст сты, музыкæйы ахуыргæнæгæй уæлдай. Уый дæр агурынц æмæ йæм тынг зæрдиагæй æнхъæлмæ кæсынц скъолайы. Хæлар коллектив ног ахуыргæнæджы сæ къордмæ æхсызгонæй райсдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны цæттæ кæнынц ног ахуыры азмæ
Категория:
Новости и СМИ