«Этнолагерь-2019», зæгъгæ, проекты дыккаг рад райдыдта
«Этнолагерь-2019», зæгъгæ, проекты дыккаг рад райдыдта. Архайынц дзы Ирланди, Турк, Сири, Германи æмæ Гуырдзыстоны минæвæрттæ. Фæсивæдæн бацæттæ кодтой алыхуызон цымыдисаг мадзæлттæ. Бабæрæг кæндзысты Цæлагкаты этнокомплекс. Уым фембæлдзысты Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолиимæ. Уымæй уæлдай ма дыккаг рады уæнгтæ Хуссар Ирыстонмæ араст уыдзысты æртæ боны `мгъуыдмæ. Нары фендзысты Хетæгкаты Къостайы хæдзар-музей. Уым сараздзысты номарæн акци. Снысан æй кæндзысты ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы райгуырды 160 азы бонæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм «Аланский след», зæгъгæ, проект фыццаг хатт сарæзтой 2015 азы. Мадзал амидингæнæг - Цæгат Ирыстоны национ ахастдзинæдты хъуыддæгты фæдыл министрад. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Этнолагерь-2019», зæгъгæ, проекты дыккаг рад райдыдта
Категория:
Новости и СМИ