4 разамонæджы сæ куыстæй систой
Ирыстоны æхсæнад æддæг-мидæг ауад знонæй нырмæ. Республикæйы дзыллон информацийы цыппар фæрæзы хицауы сæ бынæттæй цæмæн систой, уый адæмы дзырддаг фæци. Хъодзаты Æхсар, Тотраты Ольгæ, Дзасохты Музафер æмæ Таболты Иринæ - сæ куыстæй сæ суæгъд кодта мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитет. Ахæм уыд, закъоны бындурыл чи `нцайы, уыцы уынаффæ. Социалон хызтæ уыцы хабарæй нартхоры цæкуыты хуызæн баисты. Адæм суанг кæрæдзимæ фесты, чи куыстæй уæгъдгонд редакторты фарс хæцы, чи та - фарсхæцджыты ныхмæ. Нæ уацхæсджыты къорд дыууæты `хсæн балæууыд æмæ бацæттæ кодта мæнæ ацы æрмæг. Литературон журнал «Мах дуг»-ы редакци цалдæр азы сæ куыст куыд æмбæлы афтæ кæнынц - сахуыр сты. Уацхæсджытæ æрмæджытæ фыссынц, редактортæ сæ кæсынц æмæ раст кæнынц. Уыцы фæткæвæрд зын ивæн уыдис. Ам цæрæнбонты чи кусы, уыдон дызæрдыг нæ кæнынц: литературæ æвæрд æгъдауæй фидауы. Уымæ тæ уæлдай цæст дарынц! Бæрнон адæм уынаффæ нæ рахæсдзысты. Журнал кæсджытæ та - æнæмæнг. Чиныгдоны кусджыты загъдау, литературæ се ппæты зæрдæтæ нæ балхæндзæн, фæлæ уымæн хъæуы алцы дæр скæнын. Кæмæй кæнгæ хъуамæ уа, кæд журналтæй нæ, уæд? Фæлæ уыдон та адæммæ - уæлдайдæр æрыгæттæм - се ргом не здахынц. Гæды ныхæстæ не сты - периодикон мыхуырæн раздæры кад нал ис. Афтæ зæгъæг нæй æмæ сæ ничиуал кæсы. Æвæццæгæн, цы кæсой, уый сын нæй! Фæсивæды фæнды йæхи сурæт фенын уыцы литературæйы. Хъыгагæн, нæ йæ уынынц! Ныртæккæ информацийæ фылдæр ницы ис - алы ран æмæ алы хуызон. Исты дзы ссарын та - æнцонæй æнцондæр. Библиотекæты, киоскты, почтæйы рафысгæйæ - раздæрау æй нал агурынц. Цас æнцондæр уа уыцы хъуыддаг, уый бæрц адæммæ фæзындзæн фылдæр цымыдис нæхи литературæмæ. Диссаг у: журналтæ уый тыххæй фыссынц, цæмæй сæ адæм кæсой. Фæлæ периодикон мыхуыр иууылдæр къаддæр кæны. Сæ тиражтæ та - бынтон цыбыр кæнынц. Куы нæ сын баххуыс кæнæм - уæд фесæфдзысты. Мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитеты куыд зæгъынц, афтæмæй ныртæккæ хъуыддаг куы нæ аивай, уæд уыйфæстæ байрæджы уыдзæн. Ам ма фæнысан кодтой, 1 мартьийы сæйраг редактортæн сæ куысты бадзырдты `мгъуыд кæронмæ æрхæццæ уыдзæн. Дарддæр сæ ахæццæ кæнын - хицауады уынаффæ у. Уый та йæ рагæй рахаста. Ног фæлтæрæн, дам, хъæуы уавæртæ саразын, цæмæй сæхи равдисой. Фæлæ курдиатджын разамонджыты сæ бынæттæй сисой, уыима та разы ничи у. Информацион агентад «Иринформ»-ы разамонæг Таболты Иринæ йæ куыстæй кæй ацыд, уый социалон хызты сæнхъизын кодта. Йæ цард снывонд кодта, Ирыстоны хабæрттæ æнæхъæн дунейыл хъусын кæнынæн. Йæхæдæг куыд зæгъы, алцæмæн дæр йæхи рæстæг ис. Ныхас, цæугæ кæй кæны, ууыл нæу, йæ куыст куыд уадзы уадзы, тынгдæр ууыл. Цæмæ расайдзысты ахæм ивддзинæдтæ литературон журналты æмæ информацион агентады, уый ныртæккæ ничи зæгъдзæн. Бæрнон кусджытæ се ргом здахынц ног, æрыгон кусджытæм. Ныхмæлæуджытæ дæр къæрттæй цъула не ппарынц, уый уæм бæрæг уыдзæн, зæгъгæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
4 разамонæджы сæ куыстæй систой
Категория:
Новости и СМИ