Адæмыхæттыты `хсæн ахстдзинæдты конференци
Адæмыхæттыты `хсæн ахстдзинæдты, дины æмæ патриотон хъомылады фарстатыл дзырдтой Цæгат Ирыстоны медицинон академийы. Конференцийы архайдтой 300 адæймаджы. Се `хсæн фæсарæйнаг студенттæ, æхсæнадон организациты æмæ дины минæвæрттæ. Æмбырды рæстæг уæлдай æргом аздæхтой экстремизмы ныхмæ тох кæныны мадзæлттæм. Уыимæ ма æрдзырдтой культурон ахастдзинæдтæ фæхъæддыхдæр кæныныл. Конференци сарæзтой Цæгат Ирыстоны адæмыхæттыты `хсæн ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрады хъæппæрисæй. Ахæм семинартæ аразынц æппынæдзух. Мадзал Цæгат Ирыстоны медицинон академийы дзæгъæлы нæ ацыд. Ахуыр дзы кæнынц дунейы алы бæстæтæй студенттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Адæмыхæттыты `хсæн ахстдзинæдты конференци
Категория:
Новости и СМИ