Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны цæуынц егъау цалцæггæнæн куыстытæ
Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны цæуынц егъау цалцæггæнæн куыстытæ. Дзæбæхгæнæндоны рацараздзысты 3 хайады. Ныридæгæн дзы куыстытæ иу минутмæ дæр не ‘рлæууынц. Фæткмæ гæсгæ сæ хъуамæ зымæгмæ баххæст кæной. Гастроэнтерологи æмæ сылгоймæгты низтæ дзæбæхгæнæн хайад раджы æрцыдысты заууатмæ. Морг та цалдæр азы æхгæд у. Цалцæггæнæн куыстытæм рагæй æнхъæлмæ кастысты. Гастроэнтерологийы хайады æддаг бакастмæ базылдысты. Ныридæгæн дзы цæуынц мидæггаг куыстытæм. Сылгоймæгты низтæ дзæбæхгæнæн хайадта раивдтой æрæджы цы ног корпус сарæзтой уырдæм. Тагъд æххуысы рынчындоны цалцæггæнæн куыстытæ куыд цæуынц уымæ æппынæдзух се `ргом здахынц республикæйы разамынд. Пилиты Нанæ, тагъд æххуысы клиникон рынчындоны разамонæджы хæдивæджы бартæ æххæстгæнæг: «Арæзтадон куыстытæ баххæст кæнынмæ уыимæ ма æмбæлгæ хуызы дзæбæхгæнæндонæн радих кодтой æхцайы фæрæзтæ. Самал ма кæндзыстæм нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм кусæнгæрзтæ. Медицинон лæггæдтæ рынчынтæн кæндзыстæм бæрзонд æмвæзадыл». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны цæуынц егъау цалцæггæнæн куыстытæ
Категория:
Новости и СМИ