Стъолы теннисы ерыстæ цæуынц Дзæуджыхъæуы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Дзæуджыхъæуы цæуынц ерыстæ стъолы теннисæй, йе`нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы спорстменты хсæн. Цæгат Ирыстоны ахæм турнир сарæзтой фыццаг хатт, фæлæ йæ амидингæнджыты зæрды ис турир алыазон скæнын. Ерысты бацархайынмæ нæ республикæмæ ссыдысты 20 спортсмены. Уыдон сты сыхæг республикæты æмæ Мæскуыйы минæвæрттæ. Иууылдæр сты фæлтæрдджын спортсментæ. Зæгъæм, Алексей Коровин у спорты дæсны стъолы теннисæй.  Йæхæдæг ацы спорты хуызыл ахуыр кæны йе`нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сабиты. Дзæуджыхъæуы турнир уыдзæн 5 боны. Уæлахиздзауты схорзæхджын кæндзысты кады гæххæттытæй æмæ сæрмагонд лæвæрттæй.  Дзæуджыхъæуæй спортсментæ ацæудзысты Цæцæны цы Турнир райдайдзæн, уырдæм.  Алексей Коровин, спорты дæсны стъолы теннисæй: «Фыццаг хатт куы федтон, йе` нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыдон стъолы теннисæй куыд хъазынц, уый, уæд дисы бафтыдтæн. Мæхæдæг дæр афæлвæрдтон, æмæ мæ зæрдæмæ тынг фæцыд.  Уæдæй абонмæ хъазын, кæй зæгъын æй хъæуы, мæ къухы цыдæртæ бафтыд». Гаглойты Валерий, спортивон скъола «Стимул»-ы директор: «Ахæм мадзал нæм арæзт æрцыд фыццаг хатт. Махмæ уазæгуаты рцыдысты, ацы чемпионатæн бындурæвæрæг чи уыд, уыдон, Дагестанæй. Фыццаг хатт дæр ерыстæ уым уыдысты. Спортсментæн се`ппæтæн дæр сæ зæрдæмæ цæуы, разы сты, куыд сæ суазæг кождтам, уый».     _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Стъолы теннисы ерыстæ цæуынц Дзæуджыхъæуы

Категория:

Новости и СМИ