Цæгат Ирыстоны цæрæг арсы сæрмахуыр кодта
Цæгат Ирыстоны цæрæг бавдæлд, æмæ арсæн йæхи армæй хæринаг бахæрын кодта. Ахæм нывтимæ видеоæрмæг апарахат интернеты. Цыбыр рæстæгмæ йæ федтой 13 мин адæймаджы. Лæппуйы хиуæттæ куыд зæгъынц, афтæмæй арсы лæппыны ссардта хъæды. Йæ мард мады фарсмæ. Уыцы нывы уындæй йæ зæрдæ нал бакуымдта чысыл сырды иунæгæй ныууадзын. Нæлгоймаг бавдæлд æмæ сидзæр арсы æрхаста хæдзармæ. Уæдæй абонмæ арсмæ зилы. Уый дæр æй бирæ бауарзта. Интернетæй пайдагæнджытæн видеормæг сæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Фæлæ лæппумæ къæрцхъус уæвынмæ чи сиды, уыдон дæр бирæ сты. Арс, дам, хъæддаг сырд у, æмæ, зæгъынц, йæ туг цы минут скусдзæн, уый бæрæг нæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны цæрæг арсы сæрмахуыр кодта
Категория:
Новости и СМИ