ФАРН - хæдзармæ æви ресторанмæ? Кæстæр-хистæр
Фарн фæцæуы, фарн ацы бынæтты, фарны къах æрбавæр… Ирон адæмæн ФАРН царддæттæг бындур, амонды цæджындзтæй иу æмæ царды рахæцæн. Фарнимæ бастой се стырдæр бæллицтæ æмæ фæндтæ. Фæрнджын цард хаста бæркад, фидар æмæ къабазджын бинонты, бирæ фæдонтæ. Уымæ гæсгæ, «фарн фæцæуы» зæгъгæ, ныхæстæ, уæлдай арæхдæр чындзæхсæвты рæстæг хъуыстысты. Ног бинойнаг иу йемæ æрбахаста амонд, ног цард, рæсугъддæр фидæн. Хаста хæдзарæн æмæ бинонтæн. Ныр рæстæг аивта æмæ куывды ныхæстæ арæхдæр хъуысынц ресторанты. Афтæмæй та сæвзæры фарста - ФАРН кæдæм фæцæуы? Хæдзармæ æви ресторанмæ? _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
ФАРН - хæдзармæ æви ресторанмæ? Кæстæр-хистæр
Категория:
Новости и СМИ