Республикæйы чи амард, уыдоны нымæц фæкъаддæр 13%
Республикæйы чи амард, уыдоны нымæц фæкъаддæр 13%. Ахæм бæрæггæнæн 30 азы æмгъуыдмæ фыццаг хатт у. Уый тыххæй ныхас цыд "Æнæниздзинад хъахъхъæнынад" æмæ "Демографи" национ проекттæ райрæзты фæдыл сæрмагонд æмбырды. Архайдтой дзы хицауады æмæ парламенты уæнгтæ, медицинон куыстуæтты сæйраг дохтыртæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынады æнæштатон специалисттæ, æнæмæнг медицинон фæдзæхстады фонды æмæ компаниты разамонджытæ. Бæстонæй равзæрстой ивгъуыд азы 67 нысаны бæрæггæнæнтæ. Онкологон низтæ арæхдæр райдыдтой рагагъоммæ иртасын. Улæфæнты низтæй чи амард, уыдон 41% фæкъаддæр сты. Уымæй уæлдай ма æрдзырдтой информатизацийы фарстатæ æмæ кадрты цæттæдзинадыл.